Стихи для детей о войне
Язык издания: русский
Периодичность: ежедневно
Вид издания: сборник
Версия издания: электронное сетевое
Публикация: Стихи для детей о войне
Автор: Джиоева Илона Васильевна
Ирон богал.О стыр Хуыцау, дыууӕ армӕй дӕм кувын, Ӕнӕмӕт цӕстӕй мауал кӕс, ӕгъгъӕд, Ир хъӕбултӕн цард цӕрӕнбон курын, Уӕларвон Зӕд сӕ хъахъхъӕнӕг фӕуӕт!Куыд ныббыхсон нӕ сахъ фыртты фыд зынтӕ,Ныййарджытӕн куыд фӕсурон сӕ мӕт, Цӕмӕн та судзыс хӕсты зынгӕй удтӕ,Ды алкӕй удӕн рахицӕн кӕн Зӕд! Фӕцӕуы та ирон богал хӕцынмӕ, Йӕ риуфӕйнӕг нӕмыгӕй у фӕлтӕрд, Ӕфсымӕртӕм йӕ къух фӕдардта 'ххуысмӕНӕ ныббардзӕн ӕзнагӕн уый ӕфхӕрд!Ӕрхӕндӕгӕй мад сагъӕстӕ куы кӕны, Ныццӕм ис хъуыры кӕуындзӕг бынтон, Хъӕбулы «Хӕрзбон»-зӕрдӕйы куы мары,Сонт хъуыдытӕй нал у мад дзырдхъом. «Зындзынӕн дӕм фӕстӕмӕ, кӕс ӕнхъӕлмӕ»,-Ӕрсагъдта кард йӕ кӕрддзӕмы бӕстон, «Ӕгаддзинад зон не'руадздзӕн мӕ сӕрмӕ,Ирон гуырд дӕн, Ирыстон у мӕ ном!» Нӕртон-Алантӕ.Алайнаг туг мӕ дадзинты ызгъоры,Скиф, Сӕрмӕтау алкӕд дӕр хӕстхъом,Нӕртон лӕгау рӕстдзинад зӕрдӕ домы, Мӕнгард митӕм ӕлвӕст мӕ карды ком. Нӕ Иры Фарнӕй, Монӕй ӕмӕ Ӕхсарӕй, Нӕ Иры кад, ӕгъдау ӕмӕ цытӕй,Сӕрбӕрзондӕй, хъаруджынӕй, ныфсджынӕй ,Йӕ сӕрвӕлтау хӕрдзынӕн ард фӕрнӕй! Мады зӕрдӕ сау катай ӕхсыны, Уадултыл та цӕстысыг хъуыззы, Хъысмӕт нӕ карзӕй афхӕрын куы зоны, Раст ахӕм хъуыды уонгсаст цӕф кӕны. Нӕ ауӕрды, хыцъыдӕттӕ цард дары, Ӕдзӕм мастӕй куы фӕкӕнӕм хуыдуг, Ӕнӕ хъӕбул мад удӕнцой нӕ ары, Куы байсысы дзыназгӕ уӕнгты туг.Ыссудз цырагъ, фӕсур нӕ хъыг, нӕ зынтӕ, Уӕларвон тыхтӕ рафӕлгӕсут цӕй, Нӕ хъӕбатыр, нӕ хъайтар, Иры фырттӕ,Сӕрыгасӕй ныл сӕмбӕлӕт ӕмткӕй! Нӕ хъайтартӕ. Нӕ арын ӕз уӕ кады 'мсӕр ныхӕстӕ,Уӕ аккаг ӕз куынӕ зонын фыссын,Нӕ хъайтар разагътайы фырттӕ,Нӕ зонут ницӕмӕй тӕрсын.Фыдӕлты хӕд-зондӕй нӕртон гуырды халдих,Аланты цӕуӕтӕй сымах ыстут гуырд,Куы та уары абон уӕ сӕртыл нӕмыгих,Ӕзнаджы ныхмӕ та куы фӕлауут цырд!Зын дуджы ирон лӕг балхонӕг уыд алхатт,Нӕ калдта йӕ цӕссыг, нӕ уыди тӕппуд,Йӕхи иу нылхъывта, нӕ зыдта рысты адЙӕ фыдӕлты кадӕн лӕвӕртта йӕ уд!Уынгӕг бонты никӕд нӕ фӕкӕнут цудгӕ,Уӕ цӕсгӕмттӕй асурут сагъӕссаг тас,Хӕсты быдырӕй куы фӕдзурут худгӕ,Ӕрвитут ныхӕстӕ, кӕй нын ыстут гас.Ӕзнаджы нӕмыг сӕдӕ удтӕ байсы,О, Стыр Хуыцау! Куывдтытӕ абон дӕумӕИрон богал искӕд йӕ цӕфӕй кӕд 'схъӕрзы,Уӕддӕр кӕны знагимӕ ӕдасӕй хӕцгӕ!